Гуырдзыстоны Националон банкъ рагфæдзæхст кæны æмбæстæгтæн
Гуырдзыстоны Националон банкъ рагфæдзæхст кæны æмбæстæгтæн

Гуырдзыстоны националон  Банкъ æмбæстæгтæм сиды,   электронон валютон  базартыл  архайыны рæстæджы, æрмæстдæр лицензиргонд  компанитыл баууæндой.

ГНБ-ы ахæлиугонд    фидиуæны  куыд у банысангонд афтæмæй, 2018 азы  11 январы    йæ тыхмæ бацæугæ  закъонмæ æмбæлгæйæ,    «Аргъджын  гæххæттыты   базары фæдыл»  Гуырдзыстоны закъоны  сæххæст  иввды  бындурыл, брокерон   компанийы   куыстмæ æфтыд æрцыд  фæсарæйнаг валютæйы  базарадон  платформæйы  организацидзинад.

Ивындзинады фæстиуæгæн, базарадон   платформæйы   фæрцы, фæсарæйнаг валютæйæ базарады организацидзинад,   лицензиргонд   куыст  ссис æмæ йæ дæлбар баис  Националон Банчы  регуляцитæн.

«Фæнысангондæй рацæугæйæ,  фæсарæйнаг  валютæйы  базарадон платформæйæ организацидзинады  бар  лæвæрд æрцыд   æрмæстдæр лицензиргонд  брокерон   компанитæн.  Афтæма,  уыцы уæнгтæ,  кæцытæ ацы закъоны   скусын кæныны   моментмæ  сæ куыст кæнынц   фæсарæйнаг валютæйы базарадон платформæйы  руаджы,    хæсджын суыдзысты,  закъоны  скусын кæнынæй    3  мæйы  æмгъуыдмæ   райсой брокерон куысты лицензитæ.   Националон банкъ сиды  æмбæстæгтæм,   электронон   валютон   базартыл архайыны рæстæджы,   сæ зæрдыл дарой   уæлдæрбанысангонд  аууæлттæ» –  дзырдæуы  Националон банчы  фидиуæны.