Гуырдзыстоны  Националон банк  монетарон политикæйы  хай, æнæивгæйæ  11.0 процентыл  ныууагъдта
Гуырдзыстоны Националон банк монетарон политикæйы хай, æнæивгæйæ 11.0 процентыл ныууагъдта

Гуырдзыстоны  Националон банк  монетарон политикæйы  хай, æнæивгæйæ  11.0 процентыл  ныууагъдта.

Гуырдзыстоны Националон банкы   монетарон  политикæйы комитет  2022  азы  3 августы  монетарон политикæйы  хай (рефинансир кæныны хай)  æнæивгæйæ  ныууадзыны фæдыл уынаффæ  рахаста. Монетарон политикæйы хай  11.0%-ы бæрц у.

Нациоанлон банкы информацийæ  фæстаг   периоды  глобалон быццæусидт у  бæрзонд инфляци  æмæ  инфляциимæ баст  рискътæ. Уæрæсе-Украинайы  хæсты фоныл, Уæрæсейæн фидаргонд æхсæнадæмон  санкцитæ  æмæ  ифтонгады  рæхысты  скъуыд, дунейы базарыл   хæлцадон продуктты,  хомæгты æмæ  энергоресурстæ   нысаниуæгджынæй  фæзынаргъ кодта.

«Инфляцийы бирæ  цыдæр  фæкъаддæры куылымпы  кæны  иумæйаг æркуырд, кæцыйы  нысаниуæгджын хайбавæрд кæны фæлхасады  бæрзонд бæрæггæнæн.  Экономикон  активондзинад  цырд темпæй   рæзын дарддæр кæны, кæцыйы нысаниуæгджын  ахъаззаг  фæстаг мæйты у хцайæ æрвитæггæгты  рекордон бæрц, сноггонд  туризм  æмæ   кредитты алæвæрды бæрзонд бæрæггæнæн.  Развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, афæдзы фыццаг æрдæджы,  экономикæ 10.5%-æй  сырæзт. Инфляцион  рискыты афтæдæр тыхджын кæны  уыцы факт,  ома кæрадзийы фæдыл цæугæ   шокты фоныл, инфляци  йæ нысанон бæрæггæнæнтæй  дæргъвæтинæй аиртæстис».

Монетарон политикæйы комитеты фæдылдзог рабадт  2022 азы 14 сентябры ацæудзæн.