Гуырдзыстоны националон банкъ Гуырдзыстоны Радиойы 100 азы юбилейы нысанæн коллекцион монетæ рауадзын план кæны
Гуырдзыстоны националон банкъ Гуырдзыстоны радиойы 100 азы юбилеймæ гæсгæ коллекцион монетæ рауадзыны план кæны.
НБГ-йы информацийы куыд ис фыст, афтæмæй монетæ рауадзгæйæ, Националон Банкъ дарддæр кæны традици, бæстæйæн нысаниуæгджын мадзæлтты популяризацийæн ахъаз кæнын.
«Раст иу æнусы размæ, 1925 азы Гуырдзыстоны райдыдта фыццаг радиоалæвæрд.Радиойы сырæзт стыр технологон æнтыст уæвыны æмрæнхъ ссис нысаниуæгджын цау бæстæйы æхсæнадон æмæ культурон царды.
Гуырдзыстоны радио Европæйы рагондæр радиостанцæтæй иу у. Радиойы «Сызгъæрин фонд» у бæстæйы аудиохроникæ. Банысанкæнинаг у, цæмæй æрæджы Гуырдызстоны радиойæн лæвæрд æрцыд æнæматериалон культурон бынты цыртдзæвæны статус. Цалынмæ телеуынынад нæ сырæзт, уæдмæ Гуырдзыстоны радио бæстæйы иунæг уацхæссæг уыд.
«Фидæн аз, Гуырдзыстоны радиойы сæдæ азы юбилеймæ гæсгæ коллекторон монетæйы рауагъдæй, националон банкъ дарддæр кæны йæ традици, кæцы бæстæйæн нысаниуæгджын цауты популяризацийæн хайбавæрд кæны», – ис фыст информацийы.