Гуырдзыстоны  националон æмбырдгонды футболистты трансферон аргъ 150 милуан евромæ схызтис #1TVSPORT
Гуырдзыстоны националон æмбырдгонды футболистты трансферон аргъ 150 милуан евромæ схызтис #1TVSPORT

Портал transfermarkt ранæуæг кодта бæрæггæнæнтæ, кæцытæм  гæсгæ Европæйы  Чемпионатмæ  бахауæг   Гуырдзыстоны æмбырдгонды  футболистты  трансферон  аргъ  150  милуан  евройы онг райрæзтис.

«Валенсиайы»  дуаргæсы  Гиорги Мамардашвилийы аргъ  ссис  35 милуан евро (раззаг  аргъ 30 милуан евро уыд).  Райрæзтис Гиорги Микаутадзейы   трансферон  аргъ æмæ  ныр  фараст милуан  евро у, (раазаг  бæрæггæнæн уыдис аст  милуан Евро).

Гуырдзыстоны  æмбырдгонды  фондз  футболист сегасдæр  бæрзонд трансферон аргъимæ:

  1. Хвича Къварацхелиа «Наполи» – 80 милуан евро.
  2. Гиорг Мамардашвили «Валенсиа» – 35 милуан евро.
  3. Гиорги Микаутадзе «Мецц» – 9 милуан евро.
  4. Отар Къитеишвили «Штурм» – 3 милуан евро.
  5. Саба Сазонов «Торино» – 3 милуан евро.