Гуырдзыстоны Национ Банк - Гуырдзыстонмæ фæсарæнтæй æхца цы бæстæтæй æрвитынц, уыцы бæстæты нымæцы фыццаг бынатыл ис Итали
Гуырдзыстоны Национ Банкы информацийæ, 2021 азы январы бæстæмæ æрбафтгæ хцайæ æрвитæггæты бæрц $149.8 милуан доллармæ ахæццæ ис(493.8 милуан лари) кæцы 19.2%-æй фылдæр у 2020 азы январы аналогион бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.
Централон Банкы хъусинагæй фæсарæнтæй Гуырдзыстонмæ хцайæ æрвитæггæгты 93.2% сты уыц 16 ставддæр патрнер бæстæтæй, кæцæй дæр æрвитæггæгты бæрц январы 1 милуан АИШ долларæй фылдæр уыд.
Афтæмæй январы Гуырдзыстонмæ кæцы бæстæтæй æрвитæггæгтæ фылдæр уыдис уыдоны нымæцы фыццаг бынатыл ис Итали – 27.32 милуан долларæй, раззаг азимæ абаргæйæ рæзт у 29.72%. Уый фæстæ дыккаг у Уæрæсейы Федераци – 23.18 милуан долларимæ, раззаг азимæ абаргæйæ фæкъаддæр ис 11.44%.
Греци -18.62 милуан долларимæ, раззаг азимæ абаргæйæ рæзт у 25.25%
АИШ-18-07 милуан долларæй, раззаг азимæ абаргæйæ 33.24% рæзт
Израил -13,16 милуан доллар, рæзт 0.55%.
Турк – 7.16 милуан доллар, рæзт 8.54%
Украина – 6.43 милуан доллар, рæзт 80.65%
Германи – 6.06 милуан доллар, рæзт 57,15%
Азербайджан – 5.32 милуан доллар, рæзт – 213.08%
Испани – 3.51 милуан доллар, раззаг азимæ абаргæйæ рæзты бæрц у 1.82%
Франц – 2.39 милуан доллар, рæзт 32.79%
Хъазахстан – 2.20 милуан доллар, рæзт 11.21%
Польшæ – 1.95 милуан доллар, рæзт 2ю94%
Канадæ – 1.46 милуан доллар, рæзт 53.67%
Иугонд Паддзахад – 1.37 милуан доллар, рæзт 15.59%.
Национ Банкы хъусинагæй, Гуырдзыстонмæ æхца æрвитæггæгты сæйраг равзæрæн у бæстæйæ миграцимæ ацæуæг цæрджыты фæстæмæ æрвыст суммæтæ.