Гуырдзыстоны коронавирусы ныхмæ массон вакцинаци абонæй райдайдзæн.
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили 2 июлы брифингыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, Гуырдзыстонмæ æрхæццæ ис «Синовакы» æмæ «Синофармы» вакцинæты милуан дозæ æмæ бæстæ цæттæ у 5 июлæй массон вакцинаци райдаынмæ. Фæнысангонд милуан дозæ вакцинæйæ 500 000 дозæ у «Синофарм» 500 000 дозæ та «Синовак».
Уыимæ премьер-министры информацийæ, æввахс цалдæр къуыримæ Гуырдзыстонмæ æрхæццæ уыдзæн вакцинæйы ноджы милуан дозæ.
Æнæнизхъахъхъæды министрады хъусынкæнынц, цæмæй в акцинацимæ бæстæйы масштабæй мобилизацигонд у 350-ы онг вакцинацигæнæг корд.
«Географионæй рæувадат скæнынæн, вакцинæты æппæт бæстæйы масштабæй райуæрсты схемæ æнæнизхъахъхæды министрадмæ нырид цæттæ у», – банысан кодтой æнæнизхъахъхъæды уагдоны.
Низты контролы националон центры информацийæ, скуыста вакцинацимæ регистрацийы æмæ бынат рагахсты электронон портыл, кæцы 3 июлы кидер-лæбурды аххосæй раиу ис.
Афтæма сæ инфорамцийæ, знон 19:00 сахаты бæрæггæнæнтæй, электронон порталыл регистрацигонд уыд «Синофармы» вакцинæ саразын кæй фæнды, ахæм 14 мины онг æмбæстаг.
Тбилисы инфекцион рынчындоны директор Тенгиз Церцвадзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, вакцинацимæ регистграцийы порталыл куылымпыдзинад нал ис. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ техникон проблемæты цауы, æмбæстæгтæн уыдзæн фадат, вакцинацимæ регистрацийы сæхи ауадзын клиникæты.