Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 92 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 241 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 92 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 241 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын 3 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 6 708 адæймагæн, сæ нымæцы – 5 261 антигены тестæй æмæ 1 447 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1,37%,, фæстаг 14 боны – 1,2%, фæстаг 7 боны – 1,15%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 654 255 цау, уыдонæй 1 635 791 сæнæниз сты, 16 800 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 877 150 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 98.
Знон, 23 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 87 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 259, дыууæ адæймаг та амард.