Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 10 230  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 7 223  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 10 230 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 7 223 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  10 230  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 7 223     пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 48 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  40 504  адæймагæн, сæ  нымæцы –  25 251  антигены тестæй  æмæ 15 253  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 25,26%, фæстаг 14 боны –  29,89%, фæстаг  7 боны –   27,73%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 575 999 цау, уыдонæй  1 429 763  сæнæниз сты, 15 981  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 804 965  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 294.

Карантины режимы сты 7 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 252, клиникон фысымуаты ис  835 уæнгы.

Знон, 22 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  12 101   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  14 764    пациент, 45 адæймаг та  амард.