Гуырдзыстоны хицауады æмæ Гаагæйы тæрхондоны æхсæн къухæвæрд æрцд бадзырд æфхæрд æххæсткæнынады фæдыл
Гуырдзыстоны юстицийы министр æнтыстджынæй ауагъта бадзырдтæ Гаагæйы æхсæнадæмон уголовон тæрхондонимæ, кæцытæ ррайдыдтой 2015 азы. Уый фæдыл информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны юстицийы министрад.
Уагдоны информацийæ, Гуырдзыстоны хицауады æмæ Æхсæнадæмон уголовон тæрхондонимæ къухæвæрд æрцыд бадзырд æфхæрд æххæсткæнынады фæдыл. Тея Цъулукиани æмæ Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны сæрдары хæдивæг Роберт Фремер къух бафыстой Гуырдзыстоны хицауады æмæ Æхсæнадæмон уголовон тæрхондонимæ «Æфхæрд æххæсткæнынады фæдыл Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны æрдгæй».
Бадзырд кæцы абон æрцыд къухбафыст æнцойæвæрд у а.х. дывæрон бадзырды системæйыл: фыццаг этапыл паддзахад хъусын кæны иумæйаг бадзырды фæдыл, хайад райса Гаагайы тæрхондон цы уæнгты стæрхон кодта уыдоны æфхæрд æххæсткæнынады, иннæ этапыл та хицауад йæхимæ уадзы бар, алы конкретон цауы йæхæдæг аскуыддзаг кæна æфххæрд æххæст кæнынын нысанæй цас нысанæмраст уыдзæн сæрмагонд территорийыл тæрхонмæ лæвæрды райст кæнæ та фæнысангонд процессы æххуысыл нæзагъд ракæнын.
Ахæм бадзырдтæ Гаагæйы тæрхондон бафидар кодта ахæм европæйаг паддзахадтимæ, цахæм дæр сты: Австри, Бельги, Даний, Финлянди, Норвеги, Сербий, Швеци, Словени, Стыр Британи æмæ Цæгат Ирланди»- хъусын кæны юстицийы министрад.