Гуырдзыстоны хицауад Тбилис æмæ Гониойы финансон центртæ саразын хъавы
Фæнды мæ Гуырдзыстоны саразæм специалон æхсæнадæмон финансон зонæтæ. Не нхъæлцæй, сæ саразын æмæ стынг кæнын ахъаззаг уыдзæн инвестициты æрбалвасынæн, ног куыст бынæттæ саразынæн, нырыккон финансон технологион ногдзинæдтæ фæхай кæнынæн æмæ бæстæйы регионы финансон центрæй скæнынæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг экономикæйы министрæн бахæс кодта, æмбæлон закондæттæн ивдтыты цæттæкæныны процессæн координацидзинад.
«Ис нын дыууæ финансон центры саразыны идея – иу, цæмæй арызт уа Тбилисы финансон центр, кæцы Тбилисы денджызы цур, 110 гектар зæххы фæзуатыл уыдзæн æмæ бæстæйы регионы хъуыддагджын центрæй суа фæнысангонд бынат. Аналогион центры саразын план кæны Ачъарайы, Гониойы территорийыл. Гониойы хъавæм фылдæр мультифункцион центр саразын. Уый фæдыл райдыдтам активон куыст æмæ нæ фæнды, уым финансон центр саразын. Специалон финансон зонæтæ æхсæнадæмон компанитæн банхъардзысты сегасдæр хуыздæр практикæйыл бындурæвæрд либералон регуляторон æмæ фискалон режимтæ. Сегасдæр сæйраг, финансон зонæты архайæг æхсæнадæмон компаниты персоналы нысаниуæгджын хай уыдзысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæцы сын сæрмагонд профессион æмæ кареьерон рæзты фадат ратдзæн», – райхъусын кодта премьер.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, зæгъгæ нысаниуæгджыну уый дæр æмæ Тбилисы æмæ Гониойы финансон центрты арæзты хайад исдзысты бæрзонд æхсæнадæмон репутацийы æмæ фæлтæрд компанитæ, цахæмдæр у хицауады уынаффæгæнæг компани «Rothschild». Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, компанийы делегаци бæстæмæ иу къуыримæ фæуазæг уыдзæн æмæ райайдзæн активон куыст