Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæ Гуырдзыстоны артиллерийы бон банысан кодтой Вазианийы, 5-æм артиллерион бригадæйы
Абон Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты артиллерийы бон нысан кæнынц. Вазианийы, 5-æм артиллерион бригадæйы гуырдзиаг артиллерийы 32 азы юбилей сбæрæгбон кодтой.
Гуырдзыстоны хихъахъæнады тыхты скæсæн регионы командæгæнæг, бригадир инæлар Роланд Дзнеладзе, артиллеристтæн сæ профессионалон бон раарфæ кодта æмæ хихъахъæнады тыхтæн артиллерийы нысаниуæгыл фæныхас кодта. Артиллерийы бон Хоны дæр банысан кодтой, 6-æм артиллерион бригады базæйы.
Мадзал адарддæр ис кадртæ схорзæхджын кæныны церемонийæ. Хъахъхъæнынады министрады æнæаипп службæйы тыххæй æфсæддонтæ райстой алыгъуызон къæпхæнты майдантæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ, службæйы хæцæнгæрзтæ.
Мадзалы агъоммæ, хъахъхъæнынады тыхты минæвæрттæ бригады уæвæг мемориалы цур Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады сæраппонд тохты фæмардуæвæг хъайтартæн кад скодтой æмæ мемориалы цур венок сæвæрдтой.
Артиллерион бригадæтæ ма фысым кодтой æфсæддон службæгæнджыты бинонты уæнгтæн дæр. Уазджытæн ма фадат уыд æфсæддон базæты æвдыст æфсæддон техникæ фенын æмæ хиирхæфсæн мадзæлтты архайын.