Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Дональд Трамп Мамука Бахтадземæ арфæйы фыстæг рарвыста
Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ Америкæйы Иугонд Штатты президент, Дональд Трамп арфæйы фыстæг рарвыста Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадземæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны ф æсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыстæджы мидæг дзырдæуы Америкæйы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æмкуысткæнынады æмæ иумæйаг хæзнатыл.
«Фыстæджы афтæдæр дзырдæуы Гуырдзыстоны суверенитеты, территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыныл æмæ ис æвдыст арфæ уыцы хайбавæрды тыххæй, кæцыйы Гуырдзыстон кæны глобалон сидты, сæрмагондæй та терроризмы ныхмæ тохы. Дзырдæуы уыцы контрибуцийыл, кæцыйы АИШ-ы æмæ НАТО-йы партнертимæ иумæ æххæст кæны Афгъанистаны миссийы» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.