Гуырдзыстоны Католикос-Патриарх Илья Дыккагы 22-æм марты Сионы кафедралон аргъуаны бавæрдзысты
Гуырдзыстоны Католикос-Патриарх Илья Дыккагы 22-æм марты Сионы кафедралон аргъуаны бавæрдзысты

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы хуыцаубоны, 22-æм марты, Сионы кафедралон аргъуаны баныгæндзысты.

Уый фæдыл епископ Иов журналисттæн Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны сыгъдæг синоды рабадты фæстæ расидтис.

“Мардæвæрд æрцæудзæн хуыцаубоны Сионийы кафедралон аргъуаны. Уый у Патриархы фæндонмæ гæсгæ. Уый йæ бинонтимæ ныууагъта ацы фæндон. Уый у эпохалон адæймаг, кæцы адæмæн æмæ бæстæйæн бахаста егъау æвæрæнтæ, куыд монон, афтæ материалон æгъдауæй дæр. Патриарх уыд Уарзондзинады Патриарх» – загъта Епископ  Иов.

Илья Дыккагæн йæ мард Патриархон резиденцийæ Сыгъдæг Æртæиуоны кафедралон аргъуанмæ ахæццæ уыдзæн. Кортеж тагъд рæстæджы райдайдзæн.

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг 17-æм марты 93 азы кары амард,