Католикон дуне Куадзæны бæрæгбон нысан кæны. Сæумæрайсомæй бæрæгбонон куывд цæуы Гуырдзыстоны католикон аргъуанты. Литурги æххæст цæуы англисаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл.
Бæрæгбоны банысан райдыдта знон Леселидзейы уæвæг Мады Майрæмы уæларвмæ схизыны кафедралон аргъуаны.
Абоны бонæй та Тбилисы Сгъдæг Петр-Павлы номыл католикон аргъуаны Кавказы латинаг католикты апостолон администратор – епископ Джузеппе Пазотто Хуыцауæн куывд æххæст кæны. Фæстæдæр 15:00 сахатыл та, æвзонгтæ Куадзæнон концерт ратдзысты.