Тбилисы уæвæг уæлмæрдты æрдæм, автобустæ змæлдзысты æнæфидгæйæ
Тбилисы уæвæг уæлмæрдты æрдæм, автобустæ змæлдзысты æнæфидгæйæ

Сæйраг  сахары мэрийы скуыддзагæй,  9 апрелы  08:00 сахатæй 20:00 сахаты онг , Тбилисы  уæвæг уæлмæрдты  æрдæм,  змæлдзысты æнæфидгæ автобустæ.

Мэрийы  информацийæ,   муниципалон транспорт  бæлæццæтты Мухатгвердийы  æмæ Вашлиджварийы уæлмæрдты æрдæм метро станцæ «Дидубейæ»  ласдзæн, Кукиа  æмæ Махатайы  уæлмæрдты æрдæм   та  автобустæ цæудзысты   Станцæйы æмæ  Котэ Марджанишвилийы фæзæй,   Сабурталойы  уæлмæрдты æрдæм – метро «Делисийæ», Тбилисы  денджызы  уæмæрдмæ автобус ацæудзæн –  метро «Сараджишвилийæ», афæдæр  Велийы  уæмæрды æрдæм  транспорт   æрлæудзæн  Бесарион Чъичъинадзейы  уынгы  25-æм  окрпусы цур,  æрмæст Варкетилийы  уæлмæрдтæм  автобустæ ацæудзысты метро «Варкетилийы» территорийæ æмæ  Шуамтайы  уынгы  10- кварталæй.