Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы арфæ (видео)

Чырыстийы  уарзондзинадæй  уын арфæ кæнын  ног аз!   Мах ивгъуыд æмæ фидæн кæрæдзиимæ барын ахуыр стæм.      Ивгъуыд аз нын уыдис   тынг уæззау, фæлæ  Хуыцауы руаджы   йæ  арвыстам.

Уарзондзинадæй   арфæ кæнын   ацы  ног аз  Гуырдзыстоны  цæрджытæн,  гуырдзиæгтæн, абхазæгтæн,  ирæттæн, бердзенæгтæн,  уырыссæгтæн,  сомихæгтæн, азербайджайнæгтæн  æмæ алкæмæн дæр, чидæриддæр  Гуырдзыстоны цæры.

Абон мах   алкæмæн дæр  цардамондæн кувæг стæм.

Фæлæ   не мбарæм  цы у  цардамонд  æмæ  цæй мидæг ис амонд,  амонд та  уый у æмæ, адæймаг райгонд у уд æмæ материалонæй дæр.

Адæймаг  Хуыцау  æмæ йæ  ныййарджыты арфæйæ  куы вæййы  уæд,  ай алчидæр   нæ зæрдыл хъуамæ дарæм,  цæмæй  ныййарджыты   арфæ у     Хуыцауы арфæ  æмæ Библийы мидæг фыст ис,  кад кæн    дæ  фыдæн æмæ  дæ мадæн дæр,  цæмæй  дæм  фарн уа  æмæ  дæ цæрæнбонтæ  даргъ  куыд  кæной  абæстæйы  уый тыххæй!

Амондджын у уыцы  адæймаг,   кæцы уый хъом у  æмæ

Æндæр адæймагæн йæ  рæдыд ныббара.

Адæймаг йæ  аххос  куы бамбары  æмæ  фæсмон   куы фæкæны.

О Хуыцау,   ратт мын  уый тых цæмæй   рахатон  мæхи тæригъæдтæ æмæ  тæрхон ма кæнон  ме фсымæры митæн!

Арæх вæййы  ахæм  цау æмæ   адæймаг  тæрхон рахæссы  искæй митæн  æмæ  уыцы  тæригъдтæ дæр йæм рахизынц йæхимæ,  чидæриддæр  ацы тæригъæдтæ ракодта.

Стыр хъусдард  хъуамæ  раздахæм  нæ хъæбултæм æмæ  сывæллæттæм.

Арæх цау  у,  хъæбултæ  уынджы  куы  хъомыл кæнынц, уæд  фæстиуæг  дæр  æмбæлон у.

Ноджы иу  хатт уын арфæ кæнын  сабырдзинад.

Сабырдзинад хъуамæ æрфидар уа  уæ  зæрдæты æмæ  уæ  зонды!

Амондджын ут, Хуыцауы бæрны ут сымах æмæ  Æппæт Гуырдзыстон!