Æрдзы националон агентады информацийæ, 2 февралы онг Гуырдзыстоны фылдæр, нæдæлдзырæттæ бонтæ уыдзæн.
Синоптикты прогнозæй, æрмæст 30 январы хурыскæсæн Гуырдзыстоны хицæн районы гæнæн ис чысыл митуарын æмæ мигъ фæбæрæг уа.
«Тбилисы 30 январы гæнæн ис чысыл митуарын æмæ мигъ фæбæрæг уа, 2 февралы онг та æнæдæлдзырæттæ боныгъæд уыдзæн. Уæлдæфы температурæ +5,+8 градус сфиксир уыдзæн.
Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти):дæлдзырæттæ нæ уыдзæн, уæлдæфы температурæ боны сахатты +10,+12 градус уыдзæн.
Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцхъаро): 30 январы ранæй-рæтты чысыл митуарын æмæ мигъ уыдзæн, 2 февралы онг та дæлдзырæттæ нæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боны сахатты +4,+7 граудс уыдзæн.
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны уæлхох регионты (Аалкалак, Цъалка, Бакуриан, Гудаур, Омало): 30 январы ранæй-рæтты гæнæн ис чысыл митуарын æмæ мигъ æбæрæг уа, 2 февралы онг та дæлдзырæттæ нал уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боны сахатты 0,-5 градус уыдзæе», – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.