Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы продюсер æмæ бирæнымæц программæты автор Мзиа Ломтатидзе йæ цардæй ахицæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы продюсер, бирæ телеалæвæрды автор, Мзиа Ломтатидзе йæ цардæй ахицæн.
Ломтатидзе Мзия дæсгай азты дæргъы куыста Фыццаг Къаналы ахуырадон, хиирхæфсæн, сывæллæтты, литературон æмæ драматикон алæвæрдты редакциты, сфæлдыстадон иугонд «Аивад»-ы театралон хайады æмæ æндæр хайæдты. Уыд алыгъуызон телеуынынады равдыстыты продюсер.
Фæстаг азты алæвæрдтæ «Зæронд плакат» æмæ «Хопла, удæгас стæм» арæзт æрцыдысты автор æмæ Ломтатидзе Мзиайы къухдариуæгадæй.
Йæ оригиналон проекттæм гæсгæ бацæттæгонд бирæ программæтæ хаст æрцыдысты Фыццаг Къаналы сыгъзæрин фондмæ æмæ бахъахъхъæдтой уникалон аудиовизуалон æрмæджытæ бирæ фæлтæртæн.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал сгуыхт кусæг Мзиа Ломтатидзейы амæлæты фæдыл хъыгдзинад сиды æмæ йæ бинонты уæнгтæн, хиуæттæн æмæ коллегæтæн тæфæрфæс сиды.