Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал дзуапп дæтты «Рустави-2»-ы журналисты Нодар Меладзейы социалон хызаджы ахæлиугонд информацийæн.
«Иумæйаг тæрхондæтты фæдыл» Гуырдзыстоны органон закъоны 131 статийы 1-аг æмæ 2-аг хæйттæм гæсгæйæ:
1.Тæрхондон хæсджын у, срæфдз кæна тæрхоны процессы аудио-видео ныффыст. Тæрхондон æркуырдæй уайтагъд хъуамæ бавдиса, аудио-видео ныффыст фæрстæн. Кæд тæрхондоны æрдгæй хаст у тæрхоныскъуыд, тæрхоны рабадты хайгай кæнæ æххæстæй æрыхгæныны фæдыл, фæрстæ хæсджын сты къух бафыссой аудио-видео ныффысты мидисы æнæ схъæр кæныныл.
2.Æхсæнадон Телеуынынад барджын у, æнæкъуылымпыйæ сæххæст кæна тæрхонон процессы фтот айст, кино, видео, аудио- ныффыст, уыцы цаутæй цухæй, тæрхондон куы рахæссы тæрхоныскуыд тæрхоны рабадты хайагай, кæнæ æххæстæй æрыхгæныны фæдыл. Æхсæнадон Телеуынынад, хæсджын у, срæвдз кæна ныффысты алæвæрд массон информацийы æндæр фæрæзтæн, куыддæр æй æркурой афтæмæй.
Ардгæй рацæугæйæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал спайда кодта закъонæй лæвæрд бартæй æмæ сæххæст кодта Никанор Мелиайæн æфхæрды мадзалы фæдыл тæрхоны процессы ныффыст, æмæ ныффысты æнæивгæ хуызæй уайтагъд бадæттын æндæр медиафæрæзтæн.
Категорионæй нæрайсгæ у цыфæнды хуызы комментари уый тыххæй, цæмæй фæнысангонд æрмæг лæвæрд уыд æндæр медиафæрæзтæм, монтажгондæй.
Хаххгондæй, æххæст бæрнæй æмæ иунысанонæй хъусын кæнæм, цæмæй æндæр медиафæрæзтæм уæлдæрбанысангонд тæрхоны рабадты æвдисæг видео-æрмæг, лæвæрд æрцæудзæн æнæивгæйæ.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналмæ, нæй исты закъондæттæн хæсист, комкоммæ трансляци радæтта æндæр медиафæрæзтæн тæрхоны рабадты залæй, уымæй дарддæр ма архайæг закъон, йæхæдæг Æхсæнадон Телеуынынадæн нæ дæтты фадат, сæххæст кæна ахæм комкоммæ трансляци, кæцыйыл æнæ иу хатт, æндæр резонансон тæрхонон хъуыддæгты кастыл уыд уынафффæ æмæ коментари æмæ цæуылдæр афтæдæр бирæ хæттыты сырæзт коммуникаци тæрхонон инстанциимæ.
Тбилисы сахарон тæрхондоны веб-фарсыл, специалон ран æвæрд у айстæн хъæугæ куырдиаты формæ æмæ чысыл æмбарынгæнæн интересджын медиафæрæзтæн, кæцы афтæдæр æххæстæй фæлхатт кæны закъоны уæвæг ныффыст æмæ йæ æндæргъуызон нæ райхалы. Сæрмагондæй та, ацы ныффыст йæ хъуыдыйы нæ дары тæрхонон рабадты залæй, куыд рабадты комкоммæ транслояцийы хæс, афтæдæр, Æхсæнадон Телеуынынады хæсист, срæвдз кæна комкоммæ трансляци æндæр телеуынынадтæн.
Ахæлиугонд фидиуæн уый тыххæй цæмæй, цæвиттон Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал нæ ифтонг кæны æндæр медиафæрæзтæн фæнысангонд æрмæгæй, кæнæ та сæм æй дæтты ивдæй, у сайд æмæ йæ нысан у къаналы дискредитаци скæнын. Ай у цыцы кампанийы хай, кæцы фæбæрæг ис бæрæг къорды æрдгæй Фыццаг Къаналы ныхмæ.
Афтæмæй, Меладзейы фидиуæн у радон нысангонд дезинформаци æмæ йæ нысан у Æхсæнады рæдыд бафтауын.