Гуырдзыстоны ФХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй Сирийы æмæ оккупацигонд Цхинвалы æхсæн дипломативон ахастыты фæдыл бадзырдæн æнæлегитимон у
Сирийы хицауад æмæ оккупацигонд Цхинвалы регион, дипломативон ахастыты фæдыл бадзырд кæй бафыстой уыцы факты фæдыл комментарийы рæстæджы, Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, ома бадзырдæн зæгъгæ, ницы легитимон хъомыс нæй. Уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтоа уагдоны пресс-куысты.
«Асады режимы æрдгæй оккупацигонд Гуырдызстоны регионты а.х. хæдбардзинад банымады æмæ семæ а.х. дипломативон ахастыты æрфидар кæнынæн, ницы барадон хъомыс нæй. Йæхæдæг Асады режимы æхсæнадæмон æмгарад банымадтæ æнæлегитимоныл. Фæнысан кæнинаг у, цæиæй æхсæнадæмон æмгарад тыззмæг бафаудта а.х. банымад. Афтæдæр куыд ацы архайд бафаудтой Сирийы оппозицион тыхтæ. Гуырдзыстон Асады режимы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты а.х. банымады фæстæ, дипломативон ахастытæ аскуыдта Сириимæ – райхъусын кодта Мари Нарчемашвили.
Бакой уын кæндзыстæм, Сирийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Валил Муалем æмæ Цхинвалы оккупацион режимы минæвар, а.х. фæсарæн хъуыддæгты министр, Медойты Дмитрий, дипломативон ахастыты æрфидар кæыныны фæдыл бадзырд бафыстой.