Гуырдзыстоны ФХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй Сирийы æмæ оккупацигонд Цхинвалы æхсæн дипломативон ахастыты фæдыл бадзырдæн æнæлегитимон у
Гуырдзыстоны ФХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй Сирийы æмæ оккупацигонд  Цхинвалы æхсæн  дипломативон   ахастыты фæдыл бадзырдæн  æнæлегитимон у

Сирийы хицауад æмæ   оккупацигонд  Цхинвалы  регион,  дипломативон ахастыты фæдыл  бадзырд  кæй  бафыстой  уыцы факты фæдыл  комментарийы  рæстæджы,   Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады   хъусын кæнынц,  ома бадзырдæн  зæгъгæ,   ницы  легитимон хъомыс  нæй.  Уый фæдыл   Фыццаг Къаналæн   фехъусын кодтоа   уагдоны   пресс-куысты.

«Асады  режимы  æрдгæй  оккупацигонд Гуырдызстоны   регионты а.х.  хæдбардзинад банымады  æмæ   семæ  а.х.   дипломативон   ахастыты æрфидар кæнынæн,   ницы  барадон хъомыс нæй.  Йæхæдæг Асады   режимы    æхсæнадæмон  æмгарад  банымадтæ æнæлегитимоныл.  Фæнысан кæнинаг  у,  цæиæй  æхсæнадæмон  æмгарад    тыззмæг бафаудта    а.х.  банымад.  Афтæдæр куыд ацы  архайд  бафаудтой    Сирийы оппозицион тыхтæ.   Гуырдзыстон  Асады  режимы  æрдгæй   оккупацигонд Гуырдзыстоны   регионты  а.х.  банымады  фæстæ, дипломативон ахастытæ    аскуыдта  Сириимæ – райхъусын кодта  Мари  Нарчемашвили.

Бакой уын кæндзыстæм,   Сирийы   фæсарæн хъуыддæгты  министр, Валил  Муалем  æмæ Цхинвалы    оккупацион  режимы минæвар,  а.х.  фæсарæн хъуыддæгты  министр, Медойты  Дмитрий, дипломативон   ахастыты  æрфидар кæыныны фæдыл бадзырд бафыстой.