Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры æмæ минæвæртты палатæйы æддæ хъуыддæгты комитеты къухдариуæгады æхсæн телефонон ныхас ацыд
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры æмæ минæвæртты палатæйы фæсарæн хъуыддæгты комитеты къухдариуæгады æхсæн, телефонон ныхас уыд.
Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг Давит Залкалианийы фидиуæнæй, зæгъгæ комитеты сæрдар Эллиот Энгелæн æмæ комитеты уæнг Майкл Маккаулиæн, АИШ- ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнерадимæ баст фарстаты, Гуырдзыстоны æдасдзинады, суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады æмæ евроатлантикон интеграцийы хуыддаджы фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта.
«Конгрессментæн базоннын кодтон оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты уæвæг иттæг уæззау гуыманитарон æмæ æдасдзинады уавæр, афтæдæр æхсæнадæмон форумты боны фæткы Гуырдзыстоны фæдыл æдасдзинады фарстаты бæрзонд æмвæзадыл фæуадзыны нысаниуæг. Мах æркастыстæм ковиды кризисыл Гуырдзыстоны æнтыстджын реакци, кæцы бантыстис рагафойнон превентивон мадзæлтты фæрцы, хицауады æмæ æнæнизхъахъъхæды специалистты æхсæн æнгом координацийæ, афтæма æхсæнадимæ эффективон коммуникацийæ.
Конгрессментæн афтæдæр базонын кодтон конституцимæ хаст фундаментон ивддзинæдтæ, кæцы ифтонг кæндзæн Гуырдзыстоны парламенты пропорцион минæварад æмæ 2024 азæй æххæстæй пропорцион æвзарæнон системæмæ ахизыны тыххæй. Æз сын сбæлвырд кодтон Гуырдзыстоны хицауады цæттæдзинад, ноджы иу хатт ауадза сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ æхсæнадæмон стандартты æмæ домæнтæм æмбæлгæйæ»,- райхъусын кодта Залкалиани.