Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ æрсидтысты Лиетувæйы, Латвийы æмæ Эстонийы минæвæрттæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ æрсидтысты Лиетувæйы, Латвийы æмæ Эстонийы минæвæрттæ

Санкциты фæдыл Лиетувæйы, Латвийы æмæ Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министрты парахатгонд хъусынгæнинæгты фæстæ, ацы бæстæты минæвæрттæ Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрадмæ æрсидтысты.

Минæвæртты фембæлд, æвæццæгæн, уыдзæн фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæгимæ. Минæвæрттæ министрадмæ бацæуыны фæдыл комментаритæ нæ сарæзтой.

Информацийæн, Лиетувæ æмæ Эстони Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн санкцитæ снысан кодтой адæймагы барты хæлдтыты бæрндзинады тыххæй. Санкцигонд адæймæгты номхыгъд ныммыхуыр кодтой уыцы иу бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæ, Габриелиус Ландсбергис æмæ Маргус Цахкна.

Санкцигондты номхыгъды сты: Иванишвили Бидзина, Гомелаури Вахтанг, Бедоидзе Шалва, Челидзе Иосеб, Дарахвелидзе Александре, Бутхузи Гиоргий, Харазишвили Звиад, Лагазаури Миллер, Кезевадзе Мирза, Сирадзе Важа,  Теймураз Къупатадзе.