Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Уæрæсейы сидт æндæр бæстæтæм, политизацийæ цухæй сæххæст кæной гом уæларвы бадзырды уагæвæрд, циникъон куырдиатæй дарддæр ницы у
Азты дæргъы Уæрæсе систематонæй халы гом уæларвы фæдыл бадзырды уагæвæрд æмæ йæ политизаци кæны – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады комментарийы, кæцыйы уагдон Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады гом уæларвы фæдыл куырдатæн дæтты дзуапп.
Уæрæсейы ф æсарæн хъуыддæгты министрад йе зноны куырдиаты банысан кодта, цæмæй зæгъгæ «Уæрæсе цæттæ у бауадза цæстдарæг мисситæ арæнгæрон 10 километрон зонæтæм, кæд æмæ Гуырдзыстон Уæрæсейæн сæрмагонд территорийыл тæхыны бар ратдзæн уæд».
«2010 азæй абоны онг Уæрæсе дарддæр кæны æнæфæстиуæгджын архæйдтæ, цæмæй ацы бадзырдæй сфæлхас кæна, коккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æнæзакъонон банымады легитимацийы инструментау.
Нрыма 2010 азы Уæрæсейы Федераци политизаци скодта гом уæларвы бадзырды импоементацийы фарста. Сæрмагондæй та, Уæрæсе тобæ сæвæрдта оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтимæ 10 киометры дзæрддзæг, цæст дарынæн тахтыты сæххæстыл, уыцы мотивæй, цæвиттон ацы а.х. бæстæтæ фæнысангонд бадзырды фарсытæ не сты æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, се рдæм архайы бадзырдæй бæрæг хъауджыдæргонд режим. Фæнысангонд архæйдты нысан уыд Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Цхинвалы банымады легитимаци скæнын» – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады комментарийы.
«Уæрæсейы æддагполитикъон уагдоны сидт æндæр бæстæтæм, сæххæст кæной гом уæларвы бадзырды уагæвæрд политизацийæ цух, циникъон куырдиатæй дарддæр ницы нысан хæссы, уымæн æмæ йæхæдæг Уæрæсейы Федераци архайы ацы техникон бадзырдæй, сæрмагонд политикон нысæнттæн спайда кæнын.
Ацы куырдиатæй Уæрæсе архайы æндæр бæстæты фæаххосджын кæнын, цæмæй бамбæрза бадзырды йæхæдæг кæй халы уыцы фактытæ.
Уæрæсенйæ хъауджыйæ, Гуырдзыстон æххæст бæрнон ахаст дары йæхимæ цы æхсæнадæмон хæс райста уыдоны сæххæстмæ æмæ æнæцудгæйæ хъахъхъæны æхсæнадæмон нормæтæ æмæ принциптæ» – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны куырдиаты.