Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад- æнхъæл стæм, цæмæй алы политикон парти бафæраздзæн се хсæн уæвæг хъауджыдæрдзинæдтыл  фæтых уын, цæмæй  парламенты алы  æвзæрст уæнг,  æвзарæнон процессæн сæ хъауджыгонд  аргълæвæрдмæ нæкæсгæйæ,  парламенты сæрмагонд бынæттæ бацахсын
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад- æнхъæл стæм, цæмæй алы политикон парти бафæраздзæн се хсæн уæвæг хъауджыдæрдзинæдтыл фæтых уын, цæмæй парламенты алы æвзæрст уæнг, æвзарæнон процессæн сæ хъауджыгонд аргълæвæрдмæ нæкæсгæйæ, парламенты сæрмагонд бынæттæ бацахсын

Евроцæдис  хъæддых йæ фарс  хæцы   демократон  процессты  æмæ  барады фæлгæттæм æмбæлгæ архайдтæн,  Гуырдзыстонæн  æнæмæнгхъæугæ у  ахъазджын парламент,  куыд  централон  форум  политикон дебаттæн,  кæцыйы  ассоциацидзинады бадзырдæй  бæрæг  нæ иумæг  хæсистмæ  æмбæлгæйæ, алы парти иумæ  кусдзæн  реформæтæ  ауадзынæн, –  уый фæдыл  дзырдæуы Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæварады  Гуырдзыстоны  аккредитацигонд Евроцæдисы  бæстæты мисситы  къухдариуæггæнджытимæ координацигондæй  публикацигонд  комментарийы  мидæг.

Уым афтæдæр банысангонд у, цæмæй  сæм ис æнхъæлц, алы политикон парти кæй  бафæраздзæн се хсæн уæвæг хъауджыдæрдзинæдтыл  фæтых уын, цæмæй  парламенты алы  æвзæрст уæнг, нæкæсгæйæ  се рдгæй  æвзарæнон процессæн хъауджыгонд  аргълæвæрдмæ,  парламенты сæрмагонд бынæттæ бацахсын.

«2020 азы парламентон æвзæрстыты   развæлгъау фæстиуджытæ публикацийы  фæстæ,   фæстæмæ  бæлвырд кæнæм, цæмæй  разы стæм  æхсæнадæмон  цæстдарджыты иумæйаг  фидиуæнимæ, кæцы фыццаг  туры  фæстæ уыд публикацигонд æмæ  æнхъæлмæ кæсæм  OSCE/ODIHR-ы кæронбæттæн  аргълæвæрдмæ,  рекомендацитæ хынцгæйæ,  цы халындзинæдтæ рабæрæг ис,  уыдон рараст кæнынæн.

Хъыгдзинад  æвдисæм уыцы  æнæуæнкы тыххæй, кæцы  бандæвдта  æвзарæнон процессмæ, афтæма уый тыххæй дæр,  ома  дыккаг туры   оппозицийы   кандидаттæ  парламентон  бынæттæм тохы хайад куы  нал райстой, уымæй.

Евроцæдис  хъæддых йæ фарс  хæцы   демократон  процессты  æмæ  барады фæлгæттæм æмбæлгæ архайдтæн,  Гуырдзыстонæн  æнæмæнгхъæугæ у  ахъазджын парламент,  куыд  централон  форум  политикон дебаттæн,  кæцыйы  ассоциацидзинады бадзырдæй  бæрæг  нæ иумæг  хæсистмæ  æмбæлгæйæ, алы парти иумæ  кусдзæн  реформæтæ  ауадзынæн.

Уый тыххæй дæр ныфс нæм ис æмæ æнхъæл стæм,  цæмæй  алы  политикон парти бафæраздзæн се хсæн уæвæг хъауджыдæрдзинæдтыл  фæтых уын, цæмæй  парламенты алы  æвзæрст уæнг, нæкæсгæйæ  се рдгæй  æвзарæнон процессæн хъауджыгонд  аргълæвæрдмæ,  парламенты сæрмагонд бынæттæ бацахсын.

Курæг стæм парламенты уæнгтæй,  спайда кæнæт  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сын  цы  мандаттæ  раттой  уыдонæй, цæмæй   æркæсой   цы политикон  фарстæтæ  æркæсын  хъæуы  æмæ саразой хуыздæр бындур  фидæны æвзæрстытæн,  амбицион æвзарæнон   æмæ  тæрхонон реформæйы фæндагæй.

Парламент, афтæдæр  æххæстæй  хъуамæ  сыххæст кæна  йæ роль æнæнизхъахъхъæды æмæ   социалон-экономикон   сферæты  уæвæг  уæлрадон  быцæусидтытæ аскуыддзаг кæнынæн, кæцыйы   раз  бæстæ  æрлæууыд    пандемийы тыххæй.

Æххæстæй  разы стæм  алкæцы æмбæстагы  дзырды æмæ  æмбырды сæрибарæй сабырадонæй  спайдайы  баримæ, æмæ фауæм   тыхмидзинады цыфæнды  факты кæнæ тыхмидзинады  æртхъирæн.  Курæг стæм  алы фарсæй, сæхи бауромæт    провокацион  архæйдтæй,  æрмæст  хицауадæй та –  хъахъъхæнæт  закъоны  сæйрагдзинад, уый нымæцы,  цыфæнды  зылынгæнæнты  æууæнкджын æмæ  цырд  равзарыны  фæндагæй, кæцыйы фæстæ уыдзæн  æргом æмæ рæстаг  тæрхонон процесстæ.

Абон  тынг бæрн  æвæрд цæуы,  куыд фылдæрты, афтæ оппозицион партиты  политикон   лидертыл, цæмæй  бацагурой иумæйаг цæстæнгас  иуæмйаг нысанмæ æрцæуынæн,  кæцы Гуырдзыстонæн ратдзæн фадат  эффектонæй адарддæр кæна   демократон фæндагæй   рæзын æмæ  Европаг    бонвæткы æххæст кæнын  Гуырдзыстоны, йæ  æмбæстæгты  интересты æмæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны   ахастытæм гæсгæйæ.  Евроцæдис  фæстæмæ цæттæ у  Гуырдызстонæн æххуыс кæна  ацы  тыхархайды», – дзырдæуы  2020  азы  парламентон  æвзæрстыты фæдыл  публикацигонд  комментарийы.