Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад- æнхъæл стæм, цæмæй алы политикон парти бафæраздзæн се хсæн уæвæг хъауджыдæрдзинæдтыл фæтых уын, цæмæй парламенты алы æвзæрст уæнг, æвзарæнон процессæн сæ хъауджыгонд аргълæвæрдмæ нæкæсгæйæ, парламенты сæрмагонд бынæттæ бацахсын
Евроцæдис хъæддых йæ фарс хæцы демократон процессты æмæ барады фæлгæттæм æмбæлгæ архайдтæн, Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ у ахъазджын парламент, куыд централон форум политикон дебаттæн, кæцыйы ассоциацидзинады бадзырдæй бæрæг нæ иумæг хæсистмæ æмбæлгæйæ, алы парти иумæ кусдзæн реформæтæ ауадзынæн, – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады Гуырдзыстоны аккредитацигонд Евроцæдисы бæстæты мисситы къухдариуæггæнджытимæ координацигондæй публикацигонд комментарийы мидæг.
Уым афтæдæр банысангонд у, цæмæй сæм ис æнхъæлц, алы политикон парти кæй бафæраздзæн се хсæн уæвæг хъауджыдæрдзинæдтыл фæтых уын, цæмæй парламенты алы æвзæрст уæнг, нæкæсгæйæ се рдгæй æвзарæнон процессæн хъауджыгонд аргълæвæрдмæ, парламенты сæрмагонд бынæттæ бацахсын.
«2020 азы парламентон æвзæрстыты развæлгъау фæстиуджытæ публикацийы фæстæ, фæстæмæ бæлвырд кæнæм, цæмæй разы стæм æхсæнадæмон цæстдарджыты иумæйаг фидиуæнимæ, кæцы фыццаг туры фæстæ уыд публикацигонд æмæ æнхъæлмæ кæсæм OSCE/ODIHR-ы кæронбæттæн аргълæвæрдмæ, рекомендацитæ хынцгæйæ, цы халындзинæдтæ рабæрæг ис, уыдон рараст кæнынæн.
Хъыгдзинад æвдисæм уыцы æнæуæнкы тыххæй, кæцы бандæвдта æвзарæнон процессмæ, афтæма уый тыххæй дæр, ома дыккаг туры оппозицийы кандидаттæ парламентон бынæттæм тохы хайад куы нал райстой, уымæй.
Евроцæдис хъæддых йæ фарс хæцы демократон процессты æмæ барады фæлгæттæм æмбæлгæ архайдтæн, Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ у ахъазджын парламент, куыд централон форум политикон дебаттæн, кæцыйы ассоциацидзинады бадзырдæй бæрæг нæ иумæг хæсистмæ æмбæлгæйæ, алы парти иумæ кусдзæн реформæтæ ауадзынæн.
Уый тыххæй дæр ныфс нæм ис æмæ æнхъæл стæм, цæмæй алы политикон парти бафæраздзæн се хсæн уæвæг хъауджыдæрдзинæдтыл фæтых уын, цæмæй парламенты алы æвзæрст уæнг, нæкæсгæйæ се рдгæй æвзарæнон процессæн хъауджыгонд аргълæвæрдмæ, парламенты сæрмагонд бынæттæ бацахсын.
Курæг стæм парламенты уæнгтæй, спайда кæнæт Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сын цы мандаттæ раттой уыдонæй, цæмæй æркæсой цы политикон фарстæтæ æркæсын хъæуы æмæ саразой хуыздæр бындур фидæны æвзæрстытæн, амбицион æвзарæнон æмæ тæрхонон реформæйы фæндагæй.
Парламент, афтæдæр æххæстæй хъуамæ сыххæст кæна йæ роль æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон-экономикон сферæты уæвæг уæлрадон быцæусидтытæ аскуыддзаг кæнынæн, кæцыйы раз бæстæ æрлæууыд пандемийы тыххæй.
Æххæстæй разы стæм алкæцы æмбæстагы дзырды æмæ æмбырды сæрибарæй сабырадонæй спайдайы баримæ, æмæ фауæм тыхмидзинады цыфæнды факты кæнæ тыхмидзинады æртхъирæн. Курæг стæм алы фарсæй, сæхи бауромæт провокацион архæйдтæй, æрмæст хицауадæй та – хъахъъхæнæт закъоны сæйрагдзинад, уый нымæцы, цыфæнды зылынгæнæнты æууæнкджын æмæ цырд равзарыны фæндагæй, кæцыйы фæстæ уыдзæн æргом æмæ рæстаг тæрхонон процесстæ.
Абон тынг бæрн æвæрд цæуы, куыд фылдæрты, афтæ оппозицион партиты политикон лидертыл, цæмæй бацагурой иумæйаг цæстæнгас иуæмйаг нысанмæ æрцæуынæн, кæцы Гуырдзыстонæн ратдзæн фадат эффектонæй адарддæр кæна демократон фæндагæй рæзын æмæ Европаг бонвæткы æххæст кæнын Гуырдзыстоны, йæ æмбæстæгты интересты æмæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастытæм гæсгæйæ. Евроцæдис фæстæмæ цæттæ у Гуырдызстонæн æххуыс кæна ацы тыхархайды», – дзырдæуы 2020 азы парламентон æвзæрстыты фæдыл публикацигонд комментарийы.