Гуырдзыстоны  цалдæр  горæты Украинайы  фарсхæцæг акцитæ  ацыд
Гуырдзыстоны цалдæр горæты Украинайы фарсхæцæг акцитæ ацыд

Гуырдзыстоны  цалдæр горæты Украинайы  фарсхæцæг  акцитæ  абон дæр ацыд.  Батумы,  Европæйы  фæзыл, æндæр æмæ æндæр   диаспорæйы   минæвæрттæ  æрымбырд сты.

Украинаг адæмæн  баххуыс кæнынæн,  дыууæ раны   байгом ис  штаб, цы  ран  медикаментты æмæ æндæр  æнæмæнгхъæугæ  дзаумæтты  æрымбырд кæндзысты æмæ æввахс   периоды  хæсты  фæстиуæгæн  зианбавзарджытæн   гшуманитарон   æххуыс  бадавдзысты.

Афтæдæр абон европæйы  фæзыл байкертæ  ауагъдтой  акци-перфоманс.

«Хæстæн нæй!  Скъуыйинц æнаххос  адæймæгтæ. Украинаг  сывæллæттæ  тасы раз  сты, æнусы  кад Украинайæн.  Фарсхæцыны тыххæй дзурæм  уыцы  адæймæгтæн, кæцытæ  абон Украинайы  хæцынц.  Ацы рыст махæн  æнахуыр нæу,  уырыссаг оккупант  тугæй не фсæды.  Уæрæсе  архайы  Гуырдзыстоны хæдлбарад ныппырх кæнын,  кæцы  йын нæ рауайдзæн» – банысан кодта акцийы  иуæй-иу  хайадисæг.

Украинайы  фарсхæцæг акци ацыд   Озургеты дæр.  Акцигæнджытæ  солидарондзинад равдыстой  украинаг адæмæн.  Озургеты  акцийыл ма  айзæлын кодтой  Украинайы  æмæ Гуырдзыстоны  гимнтæ.

Уыимæ Украинайы  фарсхæцæг акци ацыд   Гуры. Гуры университеты  студенттæ  университеты  бæстыхайы  цур æрымбырд сты.  Уыдонмæ  ма  хуымæтæг  гурæтæ дæр баиу сты.  Акци райдыдта  гуырдзыстон æмæ Украинайы  гимнæй.

Акцийы  хайадисджытæ фарсхæцын   расидтысты украианг адæмæн  æмæ   нодж иу  хатт   спротест кодтой  уырыссаг агресси.

«Мах ахæм формæйæ   æвдисæм  протест  уыцы агрессий æмæ фыдзæрдæдзинады ныхмæ  кæцы  аразы  Уæрæсе  Украинайы.  Фарсхæцын  æвдисæм   украинаг адæмæн.  Мах, гураг фæсивæд, студенттæ  лæууæм украинаг  фæсивæдæн йæ фарсмæ.  Украинайы  уæлахиздзинад у  æнæхъæн Европæйы  æмæ  гуырдзиаг адæмы уæлахиздзинад дæр» – райхъусын кодта  Гуры университеты студент.