Гуырдзыстоны цалдæр автомобилон фæндагыл сфидар кодтой змæлды специалон режим
Хъызты тыххæй, Гуырдзыстоны цалдæр автомобилон фæндагыл змæлды специалон режимтæ сфидар кодтой.
Автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, змæлды специалон режимтæ архайынц ацы автомобилон фæндæгтыл:
Миты тыххæй æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури(Поста)-Къобийы фадыгыл, мидпаддзахадон нысаниуæгы Гоми-Сачхере-Чъиатура-Зестапоны автомобилон фæндагыл, мидпаддзахадон нысаниуæгы Кутаиси(Моцъамета)-Тъхъибул-Амбролауры автомобилон фæндаджы км39-км62 (Накералайыæфцæг) æмæ мидпаддзахадон нысаниуæгы Сачхере(Сареки)-Узунта-Шкмери-Зудалы автомобилон фæндагыл фæдзæхст у стыр уæзласæн автотранспорты змæлд.
Интенсивон миты æмæ ныллæг температурæйы тыххæй, мидпаддзахадон нысаниуæгы Вазиан-Гомбор-Телауы автомобилон фæдаджы км36-км47 (Тетрицъхъаро-Верона) фадыгыл змæлд гæнæн ис æрмæстдæр дыууæ æмæ фылдæр хидджын автотранспортæн. Автомобилон фæндаджы иннæ хайыл змæлд автотранспортæн уæгъд у.
Митуарыны æмæ зæйазары тыххæй, мидпаддзахадон нысаниуæгы Зугдиди-Джвари-Местиа-Ласдилы автомобилон фæнладжы км178-км185 (Кала-Ушгулы) фадыгыл фæдзæхст у алыхуызæн автотранспорты змæлд. Фæнысангонд фæндаджы км70-км178 (Хаиши-Кала) фадыгыл тобæгонд у стыр уæзласæн æмæ м3 категорийы 22-йæ фылдæр æрбадæн бынатджын бæлццонон автотранспорты змæлд. Æрмæст км100-км178 (Лахамула-Кала) фадыгыл, рог автотранспорты змæлд уæгд у æрмæстдæр цæлхытыл специалон рæхысты фæрцы. Дыууæ æмæ фылдæр хидджын хæтдулгæтæн змæлд уæгъд у. Автомобилон фæндаджы км1-км70 (Зугдид-Хаиши) фадыгыл автотранспорты змæлд уæгъд у.