Гуырдзыстоны цæуынц парламентон æвзæрстытæ
Гуырдзыстоны цæуынц парламентон æвзæрстытæ

Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ цæуынц. Æдæппæтæй 26-æм октябры æвзæрстыты æвзарджыты нымæц у 3 508 294 адæймаджы.

26 октябры æвзæрстытæм  регистрацигонд сты 18 æвзарæнон субъекты:

«Гуырдзыстоны иудзинад æмæ размæцыды парти» – Камал Мурадханов – N3; «Ивддзинæдты коалици Гварамиа, Мелиа, Гирчи, Дроа», сæрдар Никанор Мелиа, æмсæрдар Ника Гварамиа – N4; «Иудзинад-Националон Змæлд», сæрдар Тинатин Бокучава – N5;  «Европæйаг демократтæ», сæрдар Паата Давитайя – N6; «Гуырдзыстоны патриотты альянс», сæрдар Давит Тархан-Мурави N8; «Тыхджын Гуырдзыстон – Лело, адæмæн, сæрибардзинадæн», сæрдар Мамука Хазарадзе – N9; «Гуырдзыстоны Лейбористон парти», сæрдар Шалва Нателашвили – N10; «Нæ Иугонд Гуырдзыстон», сæрдар Исаки Гиоргадзе – N12; «Фæив Гуырдзыстоны», сæрдар Гиоргий Гагнидзе – N16; «Гуырдзыстон», сæрдар Гиоргий Лилуашвили – N17; «Сæрибар Гуырдзыстон», сæрдар Каха Кукава – N20; «Трибуна», сæрдар Чъичъинадзе Давит – N21; «Мах», Кацарава Давит – N23; «Гахариа Гуырдзыстонæн», сæрдар Гиоргий Гахариа – N25; «Галиуты альянс», сæрдар Константин Гугушвили N26; «Гуырдзиаг иудзинад», Гайоз Мамаладзе – N27; «Гирчи», сæрдар Иаго Хвичия – N36; «Гуырдзиаг Бæллицц», сæрдар Ираклий Гарибашвили – N41;

Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ фыццаг хатт уагъд цæуынц электронон технологитæй пайдагæнгæйæ. Ахæм уагæй æвзарджытæ схъæлæс кæндзысты æвзарæн фадгуыты   90% фылдæры. Традицион æгъдауæй, æвзæрстытæ уагъд цæудзысты бæстæйы масштабæй гом æвзарæн фадгуыты 10% бæрц, цыран регистрацигонд æвзарæгты нымæц у 300-йæ къаддæр.

Централон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, электрон технологитæй пайда кæнгæйæ, æвзæрстыты архайын сæ бон уыдзæн 3 113 747 æвзарæгæн.

Гуырдзыстоны 3044 район байгом ис, уыдонæй 13 уæлæмхас фæткмæ гæсгæ, кæцытæй 12 уæлæмхасæн уагдæтты, иу та психикон æнæниздзинады центры уæвæг у.

64 238 æвзарæджы æвзарæн администрацимæ курдиат бахастой ахæсгæ асыккы  тыххæй.

ЦÆК-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъæлæс кæныны бар кæмæн ис, уыцы 135 922 фæсивæды ацы аз фыццаг хатт схъæлæс кæндзысты.

Гуырдзыстонæй дарддæр ма фæсарæнты æвзарæн фадгуыты æвзарджыты нымæц 95 910 у. 67 æвзарæнон фадыг кусдзæн 42 æндæр æмæ æндæр штаты 53 горæты.

Парламенты 150 бынат бацахсдзысты уыцы партитæ, кæцытæ фондз проценты æмвæзадæй ахиздзысты.