Гуырдзыстоны цæугæ цауты фæдыл Германийы, Францы æмæ Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц
Гуырдзыстоны цæугæ цауты фæдыл Германийы, Францы æмæ Польшæйы æддаг хъуыддæгты министртæ иумæйаг фидиуæн парахат кæнынц.
Расидæны ис фыст, цæмæй Веймары æртæкъуымоны фæсарæн хъуыддæгты министртæ серьозонæй тыхсынц «26-æм октябры парламентон æвзæрстыты фæстæ Гуырдзыстоны цы политикон кризис сырæзт æмæ Евроцæдисимæ интеграцийы процессы фæурæды фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» æскъуыддзагæй».
«Кризисы аххосаг у Гуырдзыстоны хицаугæнæг партийы политикон цыд æмæ европон фæндагæй ахизын. Бирæ хатт æрсидтæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, цæмæй йæ фæндаг аива æмæ æрыздæха Евроцæдисимæ интеграцимæ, европæйаг нормæтæ æмæ аргъдзинæдтæ хъахъхъæнгæйæ æмæ реформæтæ æххæст кæнгæйæ. Карзæй æфхæрæм ивгъуыд къуырийы сабырадон демонстрантты, медийы æмæ оппозицийы лидерты ныхмæ тыхмидзинад æмæ Гуырдзыстоны хицауадæн зæрдыл лæууын кæнæм сæ бæрндзинад адæймаджы бартæн кад кæнын æмæ фундаменталон сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнын, се æхсæн æмбырды æмæ медийы сæрибардзинад. Карзæй æфхæрæм политикон архайджыты ныхмæ тæссагдзинæдтæ. «Гуырдзиаг бæллиццы» репрессивон политикон цыд æмæ демократион фæстæмæздæхт ссис аххосаг, цæмæй нæ ахастытæ фæцудыдтаиккой европон æмæ националон æмвæзадыл æмæ Гуырдзыстоны хицауадæн æххуыс æмæ æмкуысткæнынад фæкъаддæр ис. Уымæ гæсгæ, сыххæст кæндзыстæм Евроцæдисы æскъуыддзаг Гуырдызстоны дипломативон æмæ службæйы паспортты хицæуттæн æнæвизæйон змæлды фæурæды фæдыл, Евроцæдисы æмæ националон æмвæзадыл æркæсдзыстæм уæлæмхас мадзæлттæм. ОSСЕ/ОDIHR-ы кæронбæттæн хыгъдлæвæрд 26 октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл бæлвырд кæны нæ тыхстдзинад æвзарæн процессы рæстады тыххæй, парахат хæлдтытимæ æмæ аххосæгты æнæадекватон фæдагуырдтимæ. Æвзæрстытæ Евроцæдисы кандидат бæстæйæ æнхъæлмæкæсинаг стандарттæм гæсгæ нæ сырæзтысты. Сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, æппæт æмбæлон æрдхордтимæ националон диалогмæ бацæуа, цæмæй уæвæг уавæрæн æрбæстон уа æмæ æхсæнады æууæнк гуырдзиаг демократимæ сног уа. ОSСЕ/ОDIHR-ы рекомендациты æмæ стандартты реализацийы фæдыл сидт, уый нымæцы ног æвзæрстыты гæнæндзинад, кæцы гуырдзиаг æхсæнады хайæ цæуы, хицауады æрдыгæй æркæсыны аккаг у, æппæт политикон тыхтимæ æмæ æмбæстагон æхсæнады минæвæрттимæ рæстаг диалог. Ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм нæ уынаффæ, цæмæй æххуыс кæнæм гуырдзиаг адæмы демокративон æмæ европон тырнындзинæдтæн», – ис фыст Германийы, Францы æмæ Польшæйы æддаг хъуыддæгты министрты иумæйаг фидиуæны.