Æрдзы националон агентады цыбырæмгъуыдон прогнозты уагдоны хистæр, Додо Гвазавайы информацийæ, Гуырдзыстоны æппæт территорийыл температурæйы фæуазал расайдта арктикон уазал уæлдæфы массæты ахæлиу.
Гвазава Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, температурæ сæрмагондæй уæлхох районты фæуазал ис. Иуæй-иу рæтты мит дæр æруарыд.
«Майрæмбонæй Гуырдзыстоны территорийыл ахæлиу ис арктикон уазал укæлдæфы массæтæ, кæцы тепературæйы виппайды фæуазал расидтис. Температурæ сæрмагондæй фæуазал ис уæлхох рæтты. 9 майы æхсæв мит уарды Бакурианы, Ахалкалакы, Ниноцъминдайы æмæ Гудари-Степанцъминдайы алфамбылæйтты. Афтæдæр хурныгуылæн Гуырдзыстоны хохджын районты. Арктикон уæлдæфы æндæвдад 10 майы дæр лæууыд Гуырдзыстоны æппæт территорийыл», – хъусын кæны Додо Гвазава.
Синоптикты прогнозæй Гуырдзыстоны боныгъæд абонæй фæхуыздæр уыдзæн.
«Уæлдæфы температурæ схъарм уыдзæн. Тæрфы æмæ кæмтты уыдзæн 19-22 градусы онг, хохджын районты 17-19 градус æмæ уæлхох рæтты та 10-12 градусы. Фæдылдзог бонты уæлдæфы температурæ фæбæрзонддæр уыдзæн. Уæлдæфы максималон температурæмæ æнхъæлмæ кæсæм 15 зæрдæвæрæнæй. Гæнæн ис 17, 18 æмæ 19 майы, 30-31 градус хъарм æрлæууа. Зæрдæвæрæны мæй Гуырдзыстонæн кæддæриддæр вæййы кæъвдаджын æмæ дзы хатт ихуард дæр вæййы, сæрмагондæй та Кахеты» – бафтыдта ма Додо Гвазава.