Гуырдзыстоны бизнесассоциаци  Украинайæн  æххуысæн арвыста 100 000 лари
Гуырдзыстоны бизнесассоциаци Украинайæн æххуысæн арвыста 100 000 лари

Гуырдзыстоны бизнесассоциаци  Украинайæн  æххуысæн Гуырдзыстоны  Сырх Дзуары  хынцмæ бахаста  100 000  лари. Уый фæдыл  фидиуæн   Гуырдзыстоны  бизнес ассоциаци  ахæлиу кодта.

а«Украинайæн   абон  сæрмагондæй  ахсджиаг у  куыд моралон, афтæ   финансон   æххуыс; уый тыххæй  дæр Бизнес Ассоциацийы  æххæсгæнæг   бал, ассоциацийы цастдарæг   советимæ  разыйæ,   ахицæн кодта 100 000 ларийы  бæрц  донаци  сыххæст кæнын.  Афтæмæй  бацархайдтам  нæ  украинаг æфсымæрты  æмæ сæ  бинонтæн махы æрдгæй фарсхæцын равдисын.   Фæнды  нæ бузныг зæгъын  æнæхъæн бизнес секторæн æмæ æндæртæн дæр, кæцытæ  активонæй  абиу сты марафонмæ æмæ нысаниуæгджын суммæ   рымбырд, кæцы хъуыды кæнæм,   бæрæг хайбавæрд скæндзæн   Украинайæн æххуысы   хуъыддаджы.   Ахæм рæстæджы  сæрмагондæй нысаниуæгджын у   баиу уын иу  идеяйы алыварс æмæ  райгонд стæм, бизнесы активондзинад куы  уынæм уымæй.

Афтæма, Гуырдзыстоны бизнес ассоциаци,  тæфæрфæс кæны   хæстон  архæйдты рæстæджы, ракетон æмæ уæлдæфон   бомбæкалды  рæстæджы  мард   æмбæстæгты  тыххæй  æмæ æныфс  дарæм,  цæмæй хæст кæцы афтæ зианхæссæг æмæ  стыр рыст хæссæг  у  æппæт дунейæн,   Украина æмæ  æнаххос адæймæгтæн,  цыбырдæр æмгъуыдтæм фæуыдзæн. Алчидæр хæсджын стæм,  хъæрæй  сфиксир кæнæм позици, цæмæй  æнæуæлдайныхасæй  æмæ афоныл  банцайæт  ахстон архæйдтытæ  æмæ Украинайы æмбæстæгтæн  уа  сабыр,  æдас уавæр», – дзырдæуы  Гуырдзыстоны  бизнес ассоциацийы фидиуæны.