Гуырдзыстоны базарыл архайын райдыдта туркаг-немыцаг авиакомпани SunExpress
Гуырдзыстоны базарыл архайын райдыдта туркаг-немыцаг авиакомпани SunExpress

Гуырдзыстоны  базарыл  архайын райдыдта  туркаг-немыцаг  авиакомпани  «SunExpress». Гуырдзыстоны аэропортты  иугонды информацийæ,   авиакомпани Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты  Анталиайæ  Боинг 737-800-æй фыццаг  регулярон рейс  сыххæст кодта.  Æмæ  135  бæлццоны  æрласта.

«Дыууæазон бадзырды  процесс Гуырдзыстоны аэропортты иугонд, авиакомпаниимæ æнтыстджынæй  фæцис.  SunExpress Тбилисы æхсæнадæмон   аэропорты  иурæстæгонæй  Турчы æртæ горæтæй:  сæйраг горæт Анкарайæ, Анталиайæ æмæ Измырæй  къуыри  фондз хатты  тæхдзæн», – банысан кодтой аэропортты иугонды.

Гуырдзыстоны  аэропорты  иугонды информацийæ, SunExpress 33  азы  размæ  Анталиайы бындурæвæрд  авиакомпани у æмæ Измыры æмæ Анталиайы сæйраг авиаласæг  у.