«Гуырдзыстоны Банкмæ» бырсæгимæ райдыдтой бадзырдтæ
«Гуырдзыстоны Банкмæ» бырсæгимæ райдыдтой бадзырдтæ

Кахеты губернаторы  Ираклий Шиошвилийы  фидиуæнæй,зæгъгæ Хъуарелы  «Гуырдзыстоны Банкы»  филиалмæ бырсæгимæ  ныр  коммуникаци  ис æмæ  бæрæг кæнынц  йæ æркуырдтæ.

Афтæма Шиошвили дзуры, цæмæй  амынæты уæвджыты   хай, æнхъæлцау  бæстыхайæ рацыд.

«Ис информаци, цæмæй   амынæты  чи уыд  уыцы  адæймæгты  сæ иу  хай  бæстыхайæ рацыд  æмæ ныр сты  пъæлицæй   хайады  æмæ  дæттынц  æмбæлгæ  æвдисæндзырдтæ.  Æркуырдты фæдыл нырма  бæлвырд информаци мæм нæй.  Бырсæгæн ис æндæр æмæ æндæр верситæ, сæ иу у  хцайы  æркуырд,  ныр цæуы коммуникаци йемæ.  Ацы операцийы  баст чи сты  уыдон,  иууылдæр   бадзырдтæ уадзынц  æмæ цъус рæстæгмæ нын уыдзæн æмбæлгæ фæстиуæг дæр» – райхъусын кодта Кахеты  губернатор.

Хъарелы  банкмæ лæбурды  тыххæй, официалон информаци ахæлиу кодта Мидхъуыддæгты министрад.