Гуырдзыстоны авиабазарыл кусын райдайы Transavia France
Гуырдзыстоны авиабазарыл кусын райдайы Transavia France

2025 азæй  Тбилисы  Шота Руставелийы  номыл   æхсæнадæмон   аэропорты,  архайын райдайы ноджы иу   европаг  авиакомпани.

«Transavia France» Париз-Тбилис-Паризы   æрдæмадæй  комкоммæ  регулярон   рейстæ  2025 азы 9 апрелæй,  къуырийы мидæг  дыууæхаттонæй  сыххæст кæндзæн. Информаци уый фæдыл  Гуырдзыстоны аэропортты  иугонд  хъусын кæны.

Transavia France 2006 азы  бындурæвæрд  францаг  ныллæгбюджетон   авиакомпани у  кæцы  Air France-ы æмæ Transavia-ы дæлбарадмæ  хауы.   Йæ  сæйраг  базæ Паризы аэропорты Орли   ис.  Билетты  балхæнын  авиакомпанийы  веб-фасрсыл ныридæгæн ис гæнæн.