Гуырдзыстоны авиабазарыл архайын райдаы  «British Airways»
Гуырдзыстоны авиабазарыл архайын райдаы «British Airways»

2025 азæй Гуырдзыстоны авиабазарыл архайын райайдзæн  Иугонд Паддзахады  флгман «British Airways».

Гуырдзыстоны аэропортты иугонды  информацийæ, иуазон интенсивон бадзырдтæ Гуырдзыстоны Аэропортты Иугонд  Европæйы  иуæй-иу сеппæтæй  ставд   авиакомпаниимæ æнтысджынæй  фæцис.  Фæстиуæгæн  кæрæдзимæ комкоммæ  маршрутæй  Стыр Британийы  æмæ Гуырдзыстоны  сæйраг горæттæ  уыдзысты баст.

2025 азы  30 мартæй  Лондон-Тбилис-Лондоны  æрдæм   комкоммæ  регулярон тазтытæ  къуырийы  мидæг  цыппар  хатты  сыххст уыдзысты. Билетты балхæнын   авиакомпанийы  веб-фарсыл  www.ba.com ныридæгæн ис гæнæн.

«Бритиш Эарвейс»  50 азхы размæ   бындурвæрд бренд у, фæлæ  авиакомпанийæн  100 азæй  фылдæр   куысты   истори ис.  «Бритиш Эарвейс»  «Американ Эарлайнсимæ» (American Airlines) иумæ,  у  глоаблон авиакомпаниты  альянсы   «Ван Ворлды» (OneWorld) бындурæвæрæг, кæцы   дунейы  асæй   æртыккаг  ставддæр иугонд у «SkyTeam» æмæ «Star Alliance» фæстæ.

«Американ Эарлайнсимæ» æнгом партнерад  дæтты фадат « Бритиш Эарвейсы» бæлццæттæ  спайда кæной  транзитон  тазхтытæй, ЛОндоны  уылты Иугонд Штатты æндæр æмæ æндæр горæттæм.

«Бритиш Эарвейс»  дунейы   65 бæстæйы 190-æй фылдæор   æрдæмадæй  тæхы.  Авиакомпанийæн  сæйраг базæ  Лондоны   Хитроуйы  аэропорты ис.