Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад – Мæтæйдзаг стæм Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн аххосагы бавдисыны контекст æмæ рæстæджы аууæлтты тыххæй
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад «ТВС Банкъы» æмбындурæвæрджыты Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейы аххосагы фарстайы фæдыл фидиуæн аразы.
Фидиуæны куыд у абнысангонд афтæмæй, минæварад лæмбынæг йæ хъус дары Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ «ТВС Банкъы» æмбындурæвæрджыты Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн цы криминалон аххосаг бавдыста, уый алыварс айтынггонд фæзындтæм.
«Мах мæтæфтыд стæм аххосаг бавдисыны контексты æмæ афоны ауæлтты тыххæй.
Объективон æмæ рухсдзыд барадон системæ, кæцы сæрибар у политикъон æндæвдадæй, цæрынæн нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг интеграцийы æмæ фæсарæйнаг инвестициты æрбаласыны хъуыддаджы.
Мах æнæфæцудгæйæ йæ фарс хæцæм Анаклиайы порты проектæн, кæцы америкаг инвестициты нысаниуæгджын гуырæн у Гуырдзыстоны, æмæ кæцымæ дæр ис потенциал баахъаз кæна бæстæйы экономикон рæзынад»,- банысангонд у фидиуæны.