Гуырдзыстоны. АИШ-ы минæварад - 70 азы дæргъы оккупаци нæ басаста гуырдзиаг адæмы ныфс æмæ бæстæ æрыздахта хæдбардзинад
70 азы дæргъы оккупаци нæ басаста гуырдзиаг адæмы ныфс æмæ бæстæ æрыздахта хæдбардзинад, – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны. АИШ-ы минæварады фейсбук-фарсыл.
Фидиуæны куыд у банысангонд, афтæмæй, Америкæйы Иугонд Штаттæ сæрыстыр у уымæй æмæ Гуырдзыстонимæ партнертæ сты æмæ дарддæр кæны суверенон æмæ сæрибар бæстæйы фарсмæ лæуд.
«Абон советон оккупацийы бон нысан кæнæм æмæ мысæм уыдоны, чидæриддæр 1921 азы Гуырдзыстонмæ Сырх Армийы бырсты фæстиуæгæн фæхъуыдысты кæнæ та сæ цæрæнуаттæй сыстын кодтой æмæ фæсарæнтæм раттой сæхи. Афтæдæр дæр сæ кой кæнæм коммунистон оккупацион режимы политикъон репресситы сæдæгай мин амæттагы.
70 азон оккупаци гуырдзиаг адæмы ныфс басæттын нæ бахъом æмæ бæстæ йæхимæ æрыздахта хæдбардзинад. Америкæйы Иугонд Штаттæ сæрыстыр у Гуырдзыстонимæ партнер кæй у уымæй æмæ дарддæр кæны суверенон æмæ сæрибар бæстæйæн æххуыс», – банысангонд у Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты минæварады фейсбук-фарсыл.