Синоптикты прогнозæй Гуырдзыстоны боныхъæд фæфыддæр уыдзæн.
Æрдзы националон агентады информацийæ, 11 февралы боны дыккаг æрдæгæй, 13 февралы онг Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг сты къæвда бонтæ. Сæ информацийæ, уæлхох районты æнхъæлмæкæсинаг у митуард, 12 февралы бæстæйы ныгуылæн хайы, иуæй-иу ран фидар митуард уыдзæн. 11 февралы æнхъæлмæкæсинаг у дымгæ хурыскæсæны, 12 –ы та ныгуылæны æрдæм дымдзæн, уæлхох районты уыдзæн тымыгъ, денджызыл та 3-4 баллы тыхы шторм.
Æрдзы националон агентад хъусын кæны, цæмæй æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæтты тыххæй, гæнæн ис бæрæг цæугдæтты сбæрзонддæр уа доны æмвæзад, бæрзонд хохджын районты сырæздзæн зæйы тас æмæ сыджытлæсæн-лæбырды процесстæ фæактивон уыдзысты.