Гуырдзыстоны æмбырдгонд хæларадон матчы фембæлдзæн Польшæимæ – комкоммæ эфир Фыццаг Къаналыл #1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд баскетболæй Европæйы чемпионаты агъоммæ ноджы иу хæларон матч ауадздзæн. Гуырдзыстоны баскетболисттæ абон 20:00 сахатыл фембæлдзысты Польшæимæ – Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал уын матчы фæдыл комкоммæ репортаж бавдисдзæн.
Капитан Торнике Шенгелиа абоны матчы Александр Йикичы командæйæн баххуыс кæнын йæ бон нæ бауыдзæн. Шенгелиа цалдæр боны размæ ацыд Испанимæ сæрмагонд аххосæгтæм гæсгæ, афтæ дæр уымæн нæ бантыст Лиетувæйы ныхмæ хæларадон матчы ахъазын. Шенгелия командæмæ фæстæдæр баиу уыдзæн Чехийы. 15 Гуырдзыстоны æмбырдгонды уæнг горæт Сосновецы Польшæимæ фембæлдмæ цæттæ кæнынц.