Гуырдзыстоны æмбæстагад райстимæ баст ивддзинæдтæ парламент уалдзæгон сессийы фæлгæтты æркæсдзæн
Парламент, Гуырдзыстоны æмбæстагады фæдыл ног закъондæттæн ивддзинæдтæ уалдзæгон сессийы фæлгæтты æркæсдзæн. Юстицийы министрады бацæттæгонд ивддзинæдты инициирдзинад ивгъуыд къуырийы скодтой.
Закъонопроектмæ гæсгæйæ, æмбæстагад кæмæ нæй уыцы гоймаг, æндæр фæсарæйнæгтау, Гуырдзыстоны æмбæстагад хуымæтæг уапгæй райсдзæн Гуырдзыстоны фондз азы дæргъы закъононæй цæрыны фæстæ. Проектмæ гæсгæйæ, æмбæстагады хуымæтæг уагæй райсынæн, уый хъуамæ сыххæст кна органон закъонæй бæрæг æндæр æркуырдтæ бæрæг фæлгæтты Гуырдзыстоны паддзахадон æвзаджы, историйы æмæ барады сæйраг бындурты зонын фæдыл, афтæма Гуырдзыстоны кусыны, кæнæ Гуырдзыстоны æнæзмæлгæ мулкы, кæнæ кондады хайы, кæнæ акциты хицаудзинады, кæнæ Гуырдзыстоны территорийыл амалиуæгон куысты сыххæсты фæдыл.
Уæлдæрбанысангондæй дарддæр ма, закъонопроектмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон æмбæстагад натурализацийы фæндагæй райсты фæдыл куырдиатыл æппæрццаг дзуаппы цауы, æмбæлгæ оргæнтæм фæлхатгæ куырдиаты бавдисыны æмгъуыд, иу афæдзæй æхсæз мæйы онг фæкаддæр уыдзæн.