Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ Арабты Иугонд Эмираттæм æнæвизæ змæлдæй пайда кæндзысты
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, 14 июнæй йæ тыхмæ бахызт Гуырдзыстон æмæ Арабты Иугонд Эмиратты æхсæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлды режим.
Уагдоны хъусинагæй, бадзырдмæ гæсгæйæ, дыууæ бæстæйы ординалон паспорт кæцы æмбæстæгтæм ис, удонæн ис бар æнæвизæйæ бацæуын, транзитæй змæлын æмæ баззайын иннæ фарсы паддзахады территорийыл 90 боны дæргъы сæ бахизыны бонæй.
«Сыххæст ивддзинæдтæй, ауæрæхдæр ис «2017 азы Гуырдзыстоны хицауады æмæ Арабты Иугонд Эмиратты хицауады æхсæн дипломатон æмæ специалон/кусæн паспорт кæмæн ис, уыцы æмбæстæгты æнæвизæ змæлды фæдыл» кæрæдзи æмбарынады меморандум, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны æмæ Арабты Иугонд Эмиратты æмбæстæгты дыууæрдæм змæлд фенцондæр кæнынæн», – банысангонд у информацийы.