Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  Арабты Иугонд Эмираттæм æнæвизæ  змæлдæй   пайда кæндзысты
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ Арабты Иугонд Эмираттæм æнæвизæ змæлдæй пайда кæндзысты

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, 14 июнæй  йæ тыхмæ бахызт  Гуырдзыстон æмæ Арабты Иугонд Эмиратты æхсæн  æнæвизæ  дыууæрдæм змæлды режим.

Уагдоны хъусинагæй,  бадзырдмæ гæсгæйæ,   дыууæ бæстæйы  ординалон паспорт кæцы  æмбæстæгтæм ис, удонæн ис бар  æнæвизæйæ бацæуын,  транзитæй  змæлын æмæ   баззайын  иннæ фарсы   паддзахады  территорийыл  90 боны дæргъы сæ  бахизыны бонæй.

«Сыххæст ивддзинæдтæй,  ауæрæхдæр ис «2017  азы  Гуырдзыстоны хицауады æмæ Арабты Иугонд Эмиратты  хицауады æхсæн   дипломатон æмæ  специалон/кусæн  паспорт кæмæн ис,  уыцы æмбæстæгты æнæвизæ змæлды фæдыл» кæрæдзи æмбарынады  меморандум,  кæцыйæн йæ нысан у  Гуырдзыстоны æмæ Арабты Иугонд Эмиратты æмбæстæгты  дыууæрдæм змæлд  фенцондæр кæнынæн», –  банысангонд у информацийы.