Констанцайæ Поты æрдæм 27 июны «E60 Shipping Line» фыццаг рейс сыххæст кодта. Информаци уый фæдыл компани E60 Shipping Line хъусын кæны.
Компанийы хъусинагæй, быран Поты наулæууæнмæ абон 20:00 сахатыл бахиздзæн, кæцы уыдзæн фыццаг æнтыстджынæй сæххæст быранон рейс Румыни æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дыууæрдæм змæлды.
Потæй Констанцайы æрдæм та, фæнысангонд быран 30 июны араст уыдзæн æмæ регуляронæй змæлдзæн.
«Уый у иттæг нысаниуæгджын ногдзинад транспортон секторæн æмæ у Гуырдзыстоны Европæимæ æрыввахс кæннæн арызт ахсджиаг къахдзæф. Констанцайы наулæууæны таможнæйы процедурæты ацыд æмæ быраны уаргъæй бьавгæнынæн æрмæст 6 сахаты бахъæудзæн. Фæндаг Румынийæ Гуырдзыстонмæ та æрмæст 42 сахат аххæсдзæн, кæцы рæстæджы дæргъы тæрджытæн уыдзæн фадат комфортон каютæйты баулæфын æмæ бортыл уæвæг ресторанæй, барæй, ивхæрсæн тыгъдадæй æмæ «Duty Free» дуканийæ пайда кæнын. 190 метры дæргъæн быран номхуындæй «Vilnius», кæцыйы баххуырста гуырдзиаг компани E60 Shipping Line, европæйы иуæй-иу сегасдæр даргх фæндагон маршруты – Е60-ы Сау Денджызы уылты фадыгыл кусы, кæцыйæ ацы маршрут иу кæны кæцы никуы æрцыд йæ уæвыны историйы. Поти –Констанцайы быранон хахх цыбырдæр фæндаг у Кавказ æмæ Астæу Азийы бæстæты Европæйимæ баиу кæнынæн, уымæн альтернативæ нæй егхау нысаниуæгджын у нæ бæстæйы æмæ регионæн. Ацы маршруты куыстæн скуыддзаггæнæг нысаниуæг ис Транскаспийаг æхсæйнаг кæлидоры уæвыны æмæ райтынг кæнынæн. E60 Shipping Line у равзæрдæй гуырдзиаг æхсæнадæмон холдингы уæнг компани. Холдинг азты дæргъы архайы дунейы масштабæй ахæм индустриты, цахæмдæр сты æхсæнадæмон æрвитæггæготæ æмæ уæзты транспортаци», – дзырдæуы E60 Shipping Line-ы ахæлиугонд информацийы.