Гуырдзыстоны æмæ Кабо-Вердейы æмбырдгондты фембæлд Фыццаг Къаналы  #1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмæ Кабо-Вердейы æмбырдгондты фембæлд Фыццаг Къаналы #1TVSPORT

Гуырдзыстоны æмбырдгонд июны цæттæгæнæн лагер Кабо-Вердеимæ хæларадон матчæй фæуыдзæн – матч 8-æм июны Кутаисы Рамаз Шенгелиайы стадионы сырæздзæн æмæ 20:00 сахатыл райдайдзæн – комкоммæ æвдыст Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал сæххæст кæндзæн.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд 7-æм июны фысым стадионы матчы агъоммæ цæттæдзинад сарæзта, кæцыйы хайад иста 23 хъазæг. Зындгонд у, ацы хатт Вилли Саньол нæ фæдзырдта командæйы разамонæгты æмæ фембæлдзæн Кабо-Вердеимæ ног скондæй.