Хицауады уынафæмæ гæсгæ, æфсæнвæндагон змæлд абонæй сног ис. Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ компани цæттæ у бæлццæтты æдасæй ласынмæ æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады регуляцитæ æххæст кæнынмæ.
Бæлццæттæн аразынц термоскриниг, æмæ хъуамæ хъахъъæной социалон дистанци. Вагонмæ бахизыны фæстæ уайтагъд хъуамæ рацæуой дезобарьеры уылты, къухтæ хъуамæ ныссæрфой диспенсерты уæвæг дезинфекцион тæнгъæдæй. Афтæма поездмæ нæ бауадздзысты кæд сын маскæ нæ уыдзæн уæд, балцы процессы сæм нæй бар маскæ сисын.
Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы бæлццæтты ласыны директоры Дачи Цагуриайы дзырдæй, зæгъгæ балц гæнæн уыдзæн фондз æрдæм – Тбилис-Батум, Тбилис-Зугдиди, Тбилис-Поти, Тбилис-Озургети, Тбилис-Кутаис. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, сног ис æрмæст тагъдцæуæн поезды змæлд.
«Гуырдзыстоны æфсæнвæндаг сиды бæлццæттæм, бацархайæт поездмæ билеттæ онлайн балхæнын, цæмæй максималонæй хъахъхъæд уой, афтæма, максималонæй æххæст кæной уагæвæрд»- райхъусын кодта Цагуриа.
Фыццаг рейс Тбилис-Батумы æрдæм, 08:00 сахатыл сыххæст ис. Рейсмæ рацыд 300-ы онг бæлццон.