Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон -  иуæй-иу азербайджайнаг медиафæрæзы ахæлиугонд информаци у тенденцион æмæ здæхт у дыууæ партнер бæстæйы æхсæн проблемæтæ сæвзæрын кæныны æрдæм
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - иуæй-иу азербайджайнаг медиафæрæзы ахæлиугонд информаци у тенденцион æмæ здæхт у дыууæ партнер бæстæйы æхсæн проблемæтæ сæвзæрын кæныны æрдæм

Гуырдзыстоны  фæсарæн  хъуыддæгты министрад, иуæй-иу  азербайджайнаг  медиафæрæзы  ахæлиугонд  информацийæн дæтты дзуапп.

Уагдоны   хъусынк æнынц, цæмæй   ахæлиу ис  дезинформацион равгы   публикаци,  кæцы бирæ  хахуртæ  хæссы.

Дзырдæуы  азербайджайнаг портал  «Haqqin»  ахæлиугонд  информацийы тыххæй,   цæвиттон «12  июлы  онг  цалдæр бон размæ,   Сомиыхстонмæ  Сербийæ  æндæр æмæ æндæр калибры   минææхсджытæ   ныццыдысты  Гуырдзыстоны  уылты».  Рауагъдад  афтæдæр  фыссы, цæмæй  «Социалон хызæгты  ахæлиугонд информацимæ гæсгæ,   уыцы бонты  Сомихыстонмæ  Уæрæсейæ  «Камазы»  маркæйы, хæцæн гæрзтæй  едзаг   хæдтулгæтæ дæр ныццыдысты,  кæцытæ Сомихыстонмæ   Гуырдзыстоны уылты  ныццыдысты».

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  хъусын кæнынц, цæмæй  фæнысангонд стати  хæссы  тенденцион равг  æмæ здæхт у  дыууæ стратегион   партнер бæстæйы æхсæн ахастытæм   проблемæтæ сæвзæрын кæныны рдæм.

«Хъыгаг у, цæмæй азербайджайнаг,  цыма  серьозон  интернет рауагъдад  æнæобъективонæй   дзуры  фактты  тыххæй,  дзыллæ  рæдыды  æфтауы  æмæ архайы,  Гуырдзыстон-Азербайджаны  стратегион  партнерад æмæ  хæларад бааууон кæнын. Ноджы иу хатт нæ фæнды  бахахх кæнын, цæмæй Гуырдзыстон æмæ  Азербайджаны  иу кæны стратегион партнерад  æмæ  дыууæ нацийы    рагон  хæлардзинад,  кæцы  дарддæр  тынг  æмæ арфдæр кæны.

Дыууæ бæстæ  нысаниуæгджын  рол  æххæст кæнынц   регионы  æмæ сæ нымæцы  иумæ æххæст  кæнынц   бирæ нысаниуæгджын  регионалон æмæ  æхсæнадæмон проекттæ.  Фæнысангонд стати  хæссы  тенденцион равг  æмæ  здæхт у  дыууæ стратегион  партнер бæстæйы ахастыты проблемæтæ сæвзæрын кæныны  æрдæм» –  хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.