Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн, ныфс нæ ис æхсæнадæмон æмгарад карз аргълæвæрд скæндзæн æхсæнадæмон барад фундаментон принципты гуырымыхъхъ састы радон факты фæдыл
Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй Украинайы территориты- Донецк æмæ Луганскы зылдты хæдбар паддзахадтæй банымад у æхсæнадæмон барады фундаментон принципты радон гуырымыхъхъ саст, – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны.
Уагдон куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн.
«Гуырдзыстонæй мæтæйдзагæй кæсæм фæстаг периоды Украинайы алыварс цæугæ фæзындтæм, кæцы у иттæг серьозон быцæусидт европаг æмæ глобалон æдасдзинадæн. Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй Украинайы территориты- Донецк æмæ Луганскы зылдты хæдбар паддзахадтæй банымад у æхсæнадæмон барады фундаментон принципты радон гуырымыхъхъ саст, кæцы фактонæй фæлхатт кæны 2008 азы, Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территорийыл, Цхинвалы регионмæ æфсæддон интервенци, стæй та ацы регионы æмæ Абхазы/Гуырдзыстон а.х. хæдбар паддзахадтыл банымад æмæ сæ оккупацийы сценари. Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн. Ныфс нæ ис æхсæнадæмон æмгарад карз аргълæвæрд скæндзæн æмæ йын уыдзæн тызмæг реакци æхсæнадæмон барад фундаментон принципты гуырымыхъхъ састы радон фактыл æмæ хурыскæсæн европæйы паддзахады арæнты тыхбын ивды бынтон æнæруадзгæ архайдæн» – æддагполитикон уагдоны фидиуæны.
Уæрæсе Донецкы æмæ Лугансы а.х. адæмон республикæты хæдбарад банымадта. Фæнысангонд уынаффæйы фæдыл Уæрæсейы президент, Владимир Путин æдасдзыинады советы рабадты фæстæ сидты рæстæджы райхъусын кодта.