Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс  хæцы  Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн, ныфс нæ ис æхсæнадæмон   æмгарад карз аргълæвæрд скæндзæн æхсæнадæмон барад фундаментон принципты  гуырымыхъхъ  састы  радон факты фæдыл
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн, ныфс нæ ис æхсæнадæмон æмгарад карз аргълæвæрд скæндзæн æхсæнадæмон барад фундаментон принципты гуырымыхъхъ састы радон факты фæдыл

Уæрæсейы Федерацийы  æрдгæй  Украинайы  территориты- Донецк  æмæ Луганскы   зылдты  хæдбар паддзахадтæй   банымад у  æхсæнадæмон  барады фундаментон  принципты  радон гуырымыхъхъ  саст, –  уый фæдыл  банысангонд у  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  ахæлиугонд  фидиуæны.

Уагдон куыд  хъусын кæнынц  афтæмæй,  Гуырдзыстон хъæддых  йæ фарс хæцы  Украинайы  территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитетæн.

«Гуырдзыстонæй  мæтæйдзагæй  кæсæм  фæстаг периоды Украинайы  алыварс  цæугæ  фæзындтæм, кæцы у  иттæг серьозон быцæусидт  европаг æмæ глобалон  æдасдзинадæн.  Уæрæсейы  Федерацийы  æрдгæй  Украинайы  территориты- Донецк  æмæ Луганскы   зылдты  хæдбар паддзахадтæй   банымад у  æхсæнадæмон  барады фундаментон  принципты  радон гуырымыхъхъ  саст, кæцы  фактонæй   фæлхатт кæны 2008  азы, Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны территорийыл,  Цхинвалы регионмæ  æфсæддон интервенци, стæй та  ацы  регионы æмæ Абхазы/Гуырдзыстон а.х.  хæдбар паддзахадтыл банымад æмæ сæ оккупацийы  сценари. Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс  хæцы  Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн.  Ныфс нæ ис æхсæнадæмон   æмгарад карз аргълæвæрд скæндзæн æмæ йын  уыдзæн тызмæг реакци  æхсæнадæмон барад фундаментон принципты  гуырымыхъхъ  састы  радон фактыл  æмæ хурыскæсæн европæйы  паддзахады арæнты тыхбын ивды бынтон æнæруадзгæ архайдæн» –  æддагполитикон   уагдоны  фидиуæны.

Уæрæсе Донецкы æмæ Лугансы а.х. адæмон республикæты хæдбарад банымадта. Фæнысангонд уынаффæйы  фæдыл  Уæрæсейы  президент, Владимир Путин  æдасдзыинады советы  рабадты фæстæ  сидты  рæстæджы  райхъусын кодта.