Гуырдзыстоны æддагополитикон уагдон – Германийы политикон зылдтæ ассоциацигонд триойы бæстæтæн, Евроцæдисы кандидаты статус тагъд раттыны иницитиавæйы тыххæй фехуъсын кодтой
Германийы бæрæг политикон зылдтæ, сæ нымæцы оппозицион фракци «CDU/CSU», Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинайæн Евроцæдисы кандидаты статусы тагъд раттыны инициативæ бавдыстой, кæцы йæхи æрдгæй, немыцаг медиа активонæй рухс кæны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министрады ахæлиугонд информацийы у банысангонд.
«Ахæлиугонд информацийæ, CDU/CSU-ы бакуыст резолюцийы, фракци сиды федералон хицауадмæ, йæ фарс рахæца æмæ йын адвокаты лæггад бакæна 23-24 июны плангонд саммитыл æртæдæр бæстæйæн статус раттынæн. Фракцийы Европæйы политикæйы спикер, Гюнтер Крихбаумы фидиуæнæй, æртæ бæстæйæн Евроцæдисы дуар бакæнын, йæхæдæг Евроцæдисы интерестæм æмбæлы. Уымæ гæсгæ, цæмæй уæнгсуæвыны процесс тынг дæргъвæтин у, фракци домы æртæ бæстæйы æххæст уæнгсуæвыны онг, ног модел саразын, кæцы ацы бæстæты Евроцæдисимæ ноджы тынгдæр сбæттыны фадат ратдзæн, сæ нымæцы æддагон, æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынады политикæйы сферæты.
Банысан кæнинаг у, цæмæй резолюцийы текстыл дискусси æмæ халæппæрст нырма хъуамæ ацæуа фракцийы фæлгæтты, фракцийы ист документ сфидар кæныны цауы та, æрвыст хъуамæ уа бундестагмæ, цы ран ацæудзæн дебаттæ æмæ хъæлæскæнынад. Резолюцийы проекты номхуынд у Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн, Евроцæдисы кандидаты статус тагъд раттын», – банысангонд у Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны информацийы.